6 Aug 2026, 11:48 UTC23 views7 reactionsread 10 August 2026 🔤 Арӕх фенын бирӕ "ирӕттӕ" райдайынц патриотон репосттӕ (зарджытӕ, видеотӕ) ӕрвитын социалон хызты ирон ӕгъдӕутты ӕмӕ ирон адӕмы тыххӕй ... ӕндӕр ӕвзӕгтыл.
✔️ Мӕнмӕ ахӕм репосттӕ парахат кӕнын кӕсынц ӕдылы митӕ.
✔️ Ӕндӕр ӕвзӕгтыл ахӕм репосттӕ дӕр знаггад кӕнынц ирон адӕмӕн
✔️ Кӕд ирон наци нал стӕм, уӕд осхъопилатау ферох кӕнӕм не 'взаг ӕмӕ дин.
©СТЫР НЫХАС
🔥3⚡1👍1💯1🥰1
26 Jul 2026, 15:03 UTC47 views7 reactionsread 10 August 2026 🤍 Алы'рдыгӕй ирон наци скуынӕг кӕнынмӕ хъавынц ӕмӕ нӕм ирон национ тыхтӕ нал ис.
©СТЫР НЫХАС
⚡2💯2🔥1🤯1😁1
18 Jul 2026, 09:36 UTC63 views8 reactionsread 10 August 2026 🔤 Ирон ӕвзаг у ӕппӕт ирон нацийы бирӕ ӕнусон фӕллой ӕмӕ архайд.
©СТЫР НЫХАС
👍3❤2⚡1👏1🔥1
11 Jul 2026, 13:39 UTC83 views5 reactionsread 10 August 2026 🤍 Хӕцынмӕ ирон лӕгтӕ алкӕддӕр никуы нӕ зивӕг кодтой, фӕлӕ уал хъӕуы иннӕтӕй исын цӕвиттон ӕмӕ уал Ирыстоны ирон лӕг хъуамӕ уа ХИЦАУ!
© СТЫР НЫХАС
⚡1👍1💯1🔥1🤝1
10 Jul 2026, 12:42 UTC88 views6 reactionsread 10 August 2026 🔤 Ирон ӕвзаг афтӕ бирӕ нал ахӕсдзӕн: мах стӕм фӕстаг фӕлтӕр, кӕцы ма дзуры иронау!
Кӕд нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕлгъыстаг фӕуӕм, уӕд нӕ хъӕуы иууылдӕр стырӕй-чысылӕй, алы ирон блогеры, алы ирон ныййарджыты ирон ӕвзагмӕ ӕмӕ ирон ӕгъдаумӕ рахизын.
Ма ут осхъопилатӕ!!!
© СТЫР НЫХАС
💯2⚡1🔥1🤝1😈1
4 Jul 2026, 10:51 UTC89 views4 reactionsread 10 August 2026 ❓ Хуссар Ирыстонмӕ цы хӕддзу ӕрбарвыстой уый 40 боны мидӕг иу ныхас дӕр иронау загъта ирон хӕдбар паддзахады ирон адӕмы хсӕн?
© СТЫР НЫХАС
⚡1💯1🔥1😈1
3 Jul 2026, 15:17 UTC89 views6 reactionsread 10 August 2026 🔤 Ирон æвзаг мæгуыр нæу ,мæгуыр у, чи йæ нæ зоны, уый.
🤍Кӕд дӕхи ирон хоныс, уӕд иронау фысс ӕмӕ дзур, кӕннод ирон нӕ дӕ!
© СТЫР НЫХАС
💯3⚡1❤1🔥1
23 Jun 2026, 12:40 UTC104 views5 reactionsread 10 August 2026 Ирыстоны сӕйраг проблемӕ уый у ӕмӕ нӕм нӕй фӕтӕг, кӕцы уыдаид Хубулы хуызӕн ӕмӕ национ интерестыл тох кодтаид.
© СТЫР НЫХАС
⚡1❤1👍1💯1🔥1
22 Jun 2026, 15:45 UTC95 views5 reactionsread 10 August 2026 ⚡️Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй де 'знагыл фӕтых уай, уӕд ын йӕ фӕсивӕд схъомыл кӕн.
© СТЫР НЫХАС
⚡1❤1💯1🔥1🥰1
21 Jun 2026, 09:00 UTC93 views7 reactionsread 10 August 2026 🏺 Хуыцау, табу Дæхицæн!
Абон Дæ бон у, бирæ адæм дæм кувынц, хорздзинæдтæ дæ курынц ӕмæ хуыздæрæн кæй кувинæгтæ, кæй куывд айстай, уый æмбал мах дæр бакæн.
Æнæниз, æнæмаст, хъæлдзæг, амондджын куыд уа Ирыстон ӕмӕ ирон адӕм!
Хуыцау, хорздзинадæй кæй зæрды цы ис, уыдон сæ къухы куыд æфтой, уыцы хорзæх ракæн!
Фæсивæд рæствæндаг куыд уой кæддæриддæр, бæстæ сабыр куыд уа, ирон адæм кæрæдзийы куыд æмбарой ирон ӕвзагыл…
❤2🔥2⚡1🤝1🥰1
16 Jun 2026, 11:22 UTC70 views5 reactionsread 10 August 2026 🤍 Нӕ фӕсивӕдӕн йӕ хуыздӕр хай мӕлы Сӕрмагонд хӕстон операцийы, иннӕ хай та фӕлыгъд Ирыстонӕй ӕмӕ ма чи баззад, уыдон та кӕрӕдзи марынц...
✔️ Нацийы хистӕртӕ куыннӕ фӕбӕззынц, уӕд афтӕ вӕййы.
© СТЫР НЫХАС
⚡1🌚1💯1🔥1😢1
15 Jun 2026, 07:36 UTC69 views6 reactionsread 10 August 2026 ⚡️ Цӕмӕй сомбон дӕ зӕхх знагӕн ма баззайа ӕмӕ дӕ зӕххыл знаг йӕ тырысатӕ ма фӕйлауа, хъӕуы хӕцын ирон ӕгъдӕуттыл чысылӕй хистӕрмӕ.
Раздӕриу хӕстмӕ хӕдзары хистӕр йӕ иунӕг фырт нӕ уагъта, ӕнӕ бын баззайын у худинаг ирон ӕгъдау мӕ гӕсгӕ.
Хистӕрӕн-иу кӕд уыди дыукӕ ӕмӕ фылдӕр фырты, уӕд-иу уый хӕстмӕ ауагъта 1-2-йы, кӕдон бинонтӕ ӕрхастой ӕмӕ бын ныууагътой.
Ӕнӕ ирон ӕгъдауӕй, нӕй фидӕн ирӕттӕн ӕмӕ Ирыстонӕн.
© СТЫР…
🔥2⚡1❤1👍1💯1
Showing the 12 most recent of 20 posts we hold for @styrnyxas. View and reaction counts are the latest single reading for each post, not a live figure, and a recent post is still accumulating both. A view count marked ≈ was rounded by Telegram before we ever saw it — t.me prints views in full below 1,000 and to three significant figures above, so ≈1,200,000 means somewhere between 1,150,000 and 1,249,999. Unmarked counts are exact. Text is reproduced from the public post preview and truncated for length.